Гуырдзыстоны Национ Банкы президенты хстæ æххæстгæнæг Натиа Турнава Гуырдзыстоны АИШ-ы ног минæвар Робин Данниганимæ фембæлдис.
Национ Банкы информацийæ, базонгæйы равгы фембæлдыл дзырд уыдис дыууæ бæстæйы æхсæн уæвг тсратегион партнерады нысаниуæгыл æмæ æмгуыстад фæарфдæры перспективæтыл. Банысан ис цæмæй Америкæй иугонд штаттæ кæддæриддæр уыдысты æмæ сты Гуырдзыстоны иттæг нысаниуæгджын стратегион партнер.
Натиа Турнава АИШ-ы ног минæарæн базонын кодта гуырдзиаг финансон секторы уæвæг уавæр æмæ цæугæ проекттæ. Фембæлдыл хъусдард здæхт уыдис æхсæнадæмон валютон фонды программæйы цыбырдæр æмгъуыдтæм сног кæныныл.
«Фæныхс кодтам Национ Банкы æмæ АИШ-ы минæварады, АИШ-ы æхсæнадæмон райрæзты агентады (USAID) æхсæн æнгом ахастыты æмæ æмгуыстадыл. Национ Банкæн активон æмгуыстад ис USAID-имæ æндæр æмæ æндæр æрдгæй æмæ мæ фæнды бузныг зæгъын АИШ-ы хицауадæн, АИШ-ы минæварадæн æмæ америкаг адæмæн Гуырдзыстоны цæугæ реформæтæн азты дæргы æххуысы тыххæй. АИШ-ы минæваримæ фембæлдыл æрдзырдтам, цæмæй фидæны дæр активонæй адарддæр кæндзыстæм кординацидзинад æмæ æмгуыстад» – банысан кодта Натиа Турнава.