Натиа Мезвришвили - Мандатонты куысты реформæйы нысан нæу скъолатæм полицийы бауадзын
Мандатонты куысты реформæмæ бацæттæгæнæн закъонопроекты нысан нæу скъолатæм полицийы бауадзын – ацы фидиуæны сарызта мидхъуыддæгты министры хæдивæг Натиа Мезщвришвили, законопроекты презентацийыл.
Мезвришвилийы дзырдæй, мандатоны куыст абонмæ абаргæйæ, бирæ хæдбардæр æмæ бæрзонд лигитмацигонд суыдзæн.
«Ацы закъонопроектæн йæ нысан нæу скъоламæ полицийы бауадзынг. Ай афтæ енæ уыдзæн никæд бонты, мах уый не руадздзыстæм. Бæрæг тас уыдис уымæ гæсгæ, цæмæй мандатоны куыст йæ раздæры функцитæм æрыздæхдзæн. Мандатоны куыст йæ раздæры функцитæм не здæхы фæлæ мандатон суыдзæн бирæ хæдбардæр æмæ бæрзонд легитимацигонд. Мандатонты куысты хистæры снысан кæндзæн ахуырады министр. Мандатоны та сколайы директор нæ фæлæ, мандатон куысты хистæр снысан кæндзæн, кæцыйы руаджы мандатон æххæстæй дæлбар бауыдзæн мандатон куыстæн» – расидтис Мезвришвили.
Мидхъуыддæгты министры хæдивæгы ныхæстæм гæсгæ, мандатонæн йæ бон уыдзæн ахуыргæнинагы бафæстиат кæна. Афтæма, законопреоктмæ гæсгæйæ, ахуыргæнинагы сæрмагонд басгæрст ивд цæуы уæлæнгай æркастæй.