Натиа Мезвришвили – Курæг стæм алкæмæй, ма сцырын кæнут ситуаци, æндæр цауы, полици архайдзæн сæрмагонд мандатмæ æмбæлгæйæ
Æвзæрстыты цыды рæстæджы фæбæрæггонд барадсастыты тыххæй, Мх министры хæдивæг Натиа Мезвришвили фæныхас кодта.
Мезвришвили куыд райхъусын кодта афтæмæй, администрацион æгъдауæй, полицимæ ныхмæ лæуды æмæ лыстæг хулинагндзинады тыххæй, барадхъахъхъæнджытæ рацахстой фондз уæнгы, æрмæст фæдæвзарæн зæгъгæ райдыдта тугтæрхоны барады дыууæ хъуыддагыл.
«Æнæиухатт банысан кодтам, цæмæй абон полицийы сегасæй сæйраг рард у сæрфад скæнын æмæ æвзæрстытæ сабыр æмæ æдас уавæры ауадзын. Ратсдæр ацы нысанæй, полицион тыхтæ райуæрстам æппæт бæстæйы масштабæй. Афтæдæр бирæ хатт æрсидтыстæм алкæмæ, сæ нымæцы координацигæнджытæм, политикон партиты минæвæрттæм æмæ фарсхæцджытæм, цæмæй бахъахъхъæдтаиккой закъон æмæ тас ма сæвзæрын кодтаиккой æвзæрстыты сабыр уавæры ауадзын.
Æнæкæсгæ бирæхаттон сидтмæ, хъыгагæн æвзарæнон фадгуыты алфæмбылæйтты территорийыл æрцыд куыд администрацион барадсасты афтæ, фыдракæнды нысæнттæ хæссæг архайдтæ.
Цалдæр фактыл полици реагирдзинад равдыста – администрацион æгъдауæй полицимæ ныхмæлæуды æмæ лыстæг хулигандзинады тыххæй ахсты сты фондз гоймагы, æрмæст фæдагуырд райдыдта тыгтæрхоны барады дыууæ хъуыддагыл»- райхъусын кодта Натиа Мезвришвили.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, МХМ максималонæй архайы, барадсасты фактытæ афт кæрон скæнын, æмæ зиан ма æрхæсса æвзарæнон процессæн.
«Æнæкæсгæ уымæ, хъыгагæн бæрæг у уавæры сцырын кæныны архайдтæ æмæ провокацитæ, сфиксир сты поллицимæ ныхмæлæуды фактытæ, сæ куывсты бахъыгдарыны æмæ кæрæдзимæ быцæудзинæдтæ, уый нымæцы а. х æвзарæнон номхыгъдты тыххæй.
Ноджы иу хатт курæг дæн алкæмæй, – политикон партитæй, сæ фарсхæцджылтæй, координацигæнджлытæй æмæ цæтдарджытæй, уæ зæрдыл дарут закъон æмæ ма цырын кæнут уавæр. Æндæр цауы, полици архайдзæн сæрмагонд мандатмæ æмбæлгæйæ, уый тыххæй цæмæй афоныл превенци скæна цыфæнды провокацитæ æмæ быцæудзинад, æмæ æвзарæнон процесс ацæуа сабыр уавæрты.
Полицийæн, куыд нейтралон уагдонæн, бынтон ницы уæлдай у чи уыдзæн барадсæттæг кæнæ фыдгæнæг, алкæй ныхмæ дæр реакци уыдзæн æмбæлон» – райхъусын кодта Натиа Мезвришвили.