Натиа Мезвришвили – Ис нын дыууæ фадат, кæнæ регуляцитæ æххæст кæнæм, сахуыр уæм вирусимæ цæрын уыцы уавæрты, системæ уымæ цæттæ куы у уæд, æмæ дыккаг – æрбайсæм карз арæнæвæрдтæ, уый ресурс бæстæйæн куы нал ис уæд
Ис нын дыууæ барæвзар – кæнæ регуляцитæ æххæст кæнæм, сахуыр уæм вирусимæ цæрын уыцы уавæрты, системæ уымæ цæттæ куы у уæд, æмæ дыккаг – æрбайсæм карз арæнæвæрдтæ, уый ресурс бæстæйæн куы нал ис, уæд – уый фæдыл Гуырдзыстоны хицауады администрацийы хистæр Натиа Мезвришвили райхъусын кодта.
«Нæ сæйраг нысан адаптацийы æмæ контрол кæныны этапыл у экономикæ растæй сæндидзын кæнын. Кæцыйы гæнæн нæ уыдзæн, кæд регуляцитæ не ххæст кæндзыстæм, уæд», – райхъусын кодта Натиа Мезвришвили.
Афтæма, йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ абон æнæнизхъахъхъæды системæ цæттæ у, цæмæй эпидуавæр, кæцы бæстæйы ис, уымæн бафæраза. Афтæма Мезвришвилийы дзырдæй, æнæкæсгæ æнæнизхъахъхъæды системæйы цæттæдзинадмæ, ресурстæ æнæфæугæ не сты æмæ алы æмбæстаг стыр бæрнæй хъуамæ уа.
«Системæйы цæттæдзинады кой куы кæнæм, уый у иуæй-иу аххос, цæй тыххæй дæр нæ фидар кæнæм карз арæнæвæрдтæ, не æрбайстам уæлвæткон уавæр æмæ йæ нæдæр æрбайсдзыстæм. Фæлæ афтæдæр фæзæгъæм, цæмæй æнæнизхъахъхъæды системæйы ресурстæ æнæфæугæ не сты. Æнæнизхъахъхъæды системæ абон у цæттæ, фæлæ ресурстæ æгæрон не сты æмæ уый тыххæй дзурæм, цæмæй алчидæр стæм бæрнон. Уый нæу æрмæст хицауады бæрн. Хицауад бæрнон у вирус контрол кæнын æмæ уый æнтыстджынæй æххæст кæны, æнæкæсгæ цауты нымæцы рæзтмæ. Хицауад йæ хæстæ хъуамæ æххæст кæна, æмæ сæхи бæрн хъуамæ æххæст кæной æмбæстæгтæ, организацитæ, æмæ бизнес дæр», – хъусын кæны Мезвришвили.