«Националон Змæлды» минæвæрттæ æмæ фарсхæцджытæ цыд райдыдтой
«Националон Змæлды» минæвæрттæ æмæ фарсхæцджытæ цыд райдыдтой

«Националон Змæлды» минæвæрттæ æмæ   фарсхæцджытæ метро «Авлабари»-йæ  Бараташвилийы   уырдыгы æрдæм фæцæуынц.

Акцийы  хайадисджытæ  куыд хъусын кæнынц афтæмæй, се ркуырд у  Михеил Саакашвилийы  æмбæстагон   клиникæмæ  аласын, æмгъуыдагъоммæ пропорцион æвзæрстытæ æмæ  хицауады  куыстуæгъд сты.

«Националон Змæлды»  сæрдар Ника Мелиа  æмбæстæгтæм æрсидтис,  протестмæ баиу кæнынмæ  æмæ банысан кодта, цæмæй  тох хъуамæ  уа нæфæллайгæ.

«Тох хъуамæ уа  нæфæллайгæ, æрвылбойнон, методон æмæ  ацы режим  хъуамæ ныккæла,  æнæруромгæ  акциæ.  Цыфæнды  бирæ  хъуыддаг нын уæд, æмбарын, куыстбон у, стыр бузныг уын   кæ æрбацыдыстут, фæлæ   æндæр æмæ æндæр хъуыддæгтæ, куыст  ай  æппæт гæнæн ис   цъус уæддæр нормалон паддзахад  нын куы  уаид  æмæ ма  лæууæм реалон,  тас раз –  хæдбардзинад æмæ сарибардзинад фесафыны тасы.  Ацы тас нæм куы не ртхъирæн кæнид, уæд  о, цæй  зæгъын æй хъæуы, нæ бон у  не тыхты æрдæг хардз кæнæм, æмæ нæ энергий  райуарæм   дæргъвæтин перспективæйы, фæлæ  нын ныр   уый фадат нал ис», – банысан кодта Мелиа.