«Националон Змæлды» фарсхæцджытæ Глданы ахæстоны цур автомобилтæй акци-цыд ауагъдтой
«Националон Змæлды» фарсхæцджытæ Глданы ахæстоны æрдæм хæдтулгæтыл араст сты. Уыдон Глданы ахæстоны цур сигналтæй цалдæр минуты дæргъы фæлæууыдысты.
«Националон Змæлды» уæнг Ираклий Надирадзе куыд банысан кодта афтæмæй, фæнысангонд цыд зæгъгæ Михеил Саакашвилийы фæныфсджын кæнынæн уыд.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, партийы фарсхæцджытæ æмæ хуымæтæг æмбæстæгтæ акцитæ уадздзысты уæдмæ, цалынмæ Михеил Саакашивлийы æмбæстагон мультипрофилон клиникæмæ нæ аласдзысты.
Надирадзейы фидиуæнæй, зæгъгæ уыцы цауы, кæд æмæ Саакашвилийы æмбæстагон клиникæмæ нæ аласдзысты, лидертæ цæттæ сты сæхимæ сисой бæрн, цæмæй рынчындоны цур æмæ йæ алфæмбылæйтты акцитæ нæ ацæудзæн.