Националон Змæлд Ника Мелиайы тæрхоны процесс политиконæй схуыдта
“Националон Змæлды» уæнг Леван Хабеишвилийы фидиуæнæй, Ника Мелиайы фæдыл вердикт уыдзæн политикон æмæ ацы цауы ницы уæлдай у чи уыдзæн тæрхонгæнæг.
Хабеишвили дзуры, цæмæй Ника Мелиайы æрцахсыны барадон бындур нæй æмæ сабырадон фæндæгтæй хъавынц тох кæнын.
«Ника Мелиайы æрцахсын кæнæ уацары скæнын куы бахъавой, уый фадат сын нæ ратдзыстæм. Цыппар сахатмæ æнхъæлмæ кæсæм, цæмæй «Гуырдзиаг Бæллицц» рахæсдзæн политикон уынаффæ. Кæцыфæнды цауы уымæн барадон нæ фæлæ политикон контекст уыдзæн» райхуъсын кодта Леван Хабеишвили æмæ ма бафтыдта, ома Ника Мелиайы стæрхон кæнын хъавынц «коллективон Гавриловтæ» зæгъгæ.