Леван Хабеишвилийы парламентмæ Гиорги Вашадзе  каласкæйы бадгæйæ   бакодта
Леван Хабеишвилийы парламентмæ Гиорги Вашадзе каласкæйы бадгæйæ бакодта

«Националон Змæлды» сæрдар Леван Хабеишвилийы  парламентмæ  «Тсратегиа Агъмашенебелийы»   лидер Гиорги Вашадзе   каласкæйæ бадгæйæ  бакодта.

«Кæд исчи æнъæлы, цæмæй  нæ мидбылты нæ бахуддзыстæм, уымæн æмæ нæ дæндæгтæй  фæцух стæм  кæнæ нæ цæстæй нæ ракæсдзыстæм,  уæд тынг рæдийынц.  Худгæ дæр бакæндзыстæм, уымæн æмæ Гуырдзыстон фæуæлахиз уыдзæн» – банысан кодта  Хабеишвили  парламенты.

Мидхъуыддæгты министры хæдивæг  Александре Дарахвелидзе  абоны брифингыл райхъусын кодта, цæмæй  «Леван Хабеишвили пъæлицæйæн йæ куысты  сыххæсты фадат ма ратыны нысанæн, атыдта пъæлицæйы  кордон, фæбыцæу сæм ис  кæцы  рæстæджы дæр райста буары зиан».