Националон Банкъ, Мамука Хазарадзе æмæ Бадри Джапаридзейæн, «Тибиси Банъкы» документацийыл къухæвæрды бар фæурæдта
«ТВС Банкъы» цæстдарæг советы сæрдар, Маука Хазарадзейæн æмæ йæ хæдивæг, Бадри Джапаридзейæн, къухæвæрды бар фæурæдтой – уый фæдыл дзырдæуы Гуырдзыстоны Националон Банкъы фидиуæны.
«Гуырдзыстоны Националон Банкъ егъау бæрнæй кæсы финансон секторы стабилондзинадмæ. Коммерцион банкъыты цæстдарынад Гуырдзыстоны æхæст цæуы сеппæтæй хуыздæр æхсæнадæмон стандарттæм æмбæлгæйæ.
«Националон Банкъ, финансон секторы цæстадрынады комитеты 2019 азы 13 февралы рабадтыл касты фæстиуæгæн ахицæн кодта, «ТВС Банкъы» цæстдаргæ советы сæрдары æмæ йæ хæдивæгæн, къухæвæрды бар бауромын. Уыйимæ иумæ, «Тибиси Банкъы» акционерты æмбырдмæ лæвæрд æрцыд дыууæмæййон æмгъуыд, сæ цæстдарæг советæй фæстæмæ ахонынæн. Уыйимæ иумæ ацы уынаæ не æххæссы иунæг акционеры сæрмæмулкъы уæвæг хæйттæм» – хъусын кæнынц Гуырдзыстоны Националон банкъы.
ГНБ-ы æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, уынаффæйæн бындурæй слæууыд «Тибиси Банкъы» сгæрсты рæстæджы фиксиргонд интересты конфликты регулиргæнæг закъондæттынады хæлды фаектытæ, кæцытæ 2007-2008 азты транзакцитæм æххæссы.
«Националон Банкъ хаххгондæй нысан кæны уый, цæмæй «TBC Bank» йе ххæстгæнæг къухдариуæгадимæ у, бæстæйы æмæ регионы архайæг финансон институттæй иуæй-иу акæнæг. «TBC Bank» у хъæддых æмæ æнæфæцудгæ кредитон организаци æмæ æнæхъæнæй æмбæлон у архайæг экономикон нормативтæм æмæ лимиттæм. Афтæма банысан кæнын хъæуы уый æмæ Националон Банкъы ацы цæстадрдæй уынаффæ нæу уагъд «TBC Bank»-ы ныхмæ» – дзырдæуы Гуырдзыстоны Националон Банкъы хъусинагы.
Гуырдзыстоны Сæйраг прокуратурæйы информацийæ, 2018 азы майы райдайгæ банкъы сгæрсты фæлгæтты, финансон мониторигы службæ æрцыд ахæм хатдзæгмæ, – цæстæйуынгæйæ бæрæг сты æнæзакъонон æфтиæгты легализацийы нысæнттæ, ома хца ссурс кæнын æмæ æндæр æнæзакъонон митæ. Уый тыххæй дæр, 2018 азы 2 августы, прокуратурæ æрывнæлдта уголовон фæдæвзарынмæ, æнæзакъонон æфтиæгты легализацийы фактыл, Гуырдзыстоны тугтæрхоны кодексы 194 статийы 3-аг хайы «г» пунктмæ гæсгæ.