Националон Банк - январы æхцайы æрвыстæгты бæрц фæфылдæр 16,6% æмæ ссис 282,64 милуан АИШ доллары
Гуырдзыстоны националон банкъы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 2026 азы январы бæстæмæ æрцæугæ æхцайы æрвыстæгты бæрц уыд 282,64 милуан АИШ доллар (761,9 милуан лари), кæцы 2025 азы аналогион индикаторæй 16,6% (40,2 милуан АИШ доллар) фылдæр у.
Публикацигонд статистикæмæ гæсгæ, январы æхцайы æрвитæнты максималон хай хауы Евроцæдисы бæстæтæм æмæ 45,4% у, кæцы æмбæлы 128,4 милуан АИШ доллары, афæдзон рæзты темп та у 17,5%. Евроцæдисы бæстæты æхсæн банысан кæнын хъæуы Италийы, Германийы æмæ Грецийы стыр хай æмтгæйон æрвыстæгты.
Уымæй уæлдай ма, АИШ æмæ Израилæй æрвыст æхцайы рæзты тенденци дарддæр кæны. Сæрмагондæй, январы, æрвылазон рæзт фиксиргонд æрцыд -10.0% АИШ-æй, æмæ 15.7% Израилæй, æмæ йæ бæрц уыд 52.0 æмæ 24.7 милуан АИШ доллары.
Гуырдзыстонæй фæсарæнтæм 2026 азы январы æрвыст æрцыд 31,2 милуан АИШ доллары (84,0 милуан ларийы). Уый у 10,2% фылдæр 2025 азы январы аналогион бæрæггæнæнæй (28,3 милуан АИШ доллары).