Националон Банкъ фыццаг январæй скусынкæнинаг регуляцитæ сбæлвырд кодта
Гуырдзыстоны Националон Банкъ физикъон уæнгтæн бæрнон кредитлæвæрды уагæвæрды райста. Банкъы хъусинагæй, уагæвæрдæн йæ нысан у, Гуырдзыстоны финансон системæйы стабилон куыст баахъаз кæнын æмæ хæрзхъæд кредитлæвæрды баахъаз, кæцы йæхи æрдгæй бæстæйы экономикæйы æнæфæцудгæ тынгадæн баххуыс кæндзæн.
«Регуляцийы лæмбынæг принципмæ гæсгæйæ, финансон институт физикъон уæнгы ма хъуамæ ратта кредитон кæнæ æндæр дзуаппмæ (дæнц. Бæрны бацыд) афтæ æмæ гоймагы фидынхъомдзинад æнæбасгаргæйæ. Фæнысангонд принцип евродирективæты иуæй-иу æркуырд у æмæ афтæдæр у иттæг хорз æхсæнаæдмон практикæ, кæцы дунейы æндæр æмæ æндæр размæцыд бæстæты архайы. Регуляци бандавдзæн Националон банкъы цæстдарынад дæлдбар алы кредитдæттæг органищацимæ. Кредитдæттæг хæсджын уыдзæн, кредит адæттыны рæстæджы аргъ скæна пайдагæнæджы æфтиæгтæн, срæвдз кæна сæ аргъ æмæ адæтта хæс, кæцыы æрвылмæйййон фидтон (PTI) æмæ ифтонгады аргъ (LTV) ацы уагæвæрдæй бæрæг арæнтæй фылдæр нæ уыдзæн. Фæнысангонд коэффициенттæ хъауджыгонд уыдзысты бынæттон æмæ фæсарæйнаг валютæй кредиттæн, кæцыйы нысан у кредитисæгы æмæ финансон системæйы бахъахъхъæнын фæсарæйнаг валютæйы ивæн къурсы ивдæй сæвзæрд рискъытæй» – дзырдæуы Националон банкъы ахæлиугонд фидиуæны.
Банкъы хъусинагæй, уагæвæрды проектыл куыст цæугæ азы июлæй æргом редимы цыдис.
«Проект Публикацийы уагъд æрцыд Националон банкъы веб-фарсыл, активон фембæлдтæ ацыдытсы финансон секторы минæвæрттимæ, афтæдæр æхсæнадæмон организацитимæ. Консультациты процессы разагъд хъуыдытæ æдыст æрцыдысты документты кæронбæттæн версийы» – банысан кодтой Националон банчы.
Уагæвæрд кредит дæттæг алы организацийæн иурæстæгонæй, 2019 азы 1 январæй скусдзæн.
Уагæвæрд æмæ уагæвæрды тыххæй арæх бавдст фарстытæ публикацигонд сты Националон Банчы официалон веб-фарсыл.