Националон æдасдзинады АИШ-ы президенты уынаффæгæнæг Майк Уолц æмæ йæ хæдивæг уадзынц сæ бынæттæ, хъусын кæны CBS News.
Националон æдасдзинады уынаффæгæнæг Майк Уолц æмæ йæ хæдивæг Алекс Вонг ныууагътой сæ бынæттæ, хъусын кæны CBS News, цалдæр æнæном истæгæй.
CBS News-ы информацийæ, Вальц æмæ йæ хæдивæг æввахс рæстæджы хъуамæ фехъусын кæной сæ куыстæй ацæуыны тыххæй.
Уæ зонындзинæдтæн, мартъийы Вальцы алыварс æрцыд хъæр скандал. Уый сарæзта Signal-ы чат æмæ йæм рæдыдæй бахаста The Atlantic-ы журналист Джеффри Голдберджы. Уый раргом кодта, цæугæ дискусситæ националон æдасдзинады бæрзонд рангы кусджытимæ Йемены хуситы нысантыл æфсæддон æхсты пъланы тыххæй.