Национ Банкы информацийæ, æрвитæггæгты статистикæмæ гæсгæйæ, апрелы  Гуырдзыстонмæ сегасдæр фылдæр  суммæ æрвыст уыд Уæрæсейæ, Итали æмæ  АИШ-æй
Национ Банкы информацийæ, æрвитæггæгты статистикæмæ гæсгæйæ, апрелы Гуырдзыстонмæ сегасдæр фылдæр суммæ æрвыст уыд Уæрæсейæ, Итали æмæ АИШ-æй

Национ Банкы  информацийæ, 2022 азы  апрелы  бæстæмæ æрбафтгæ  хцайæ æрвитæггæгты  къадайы  бæрцуат  208.1 млн АИШ доллар, кæнæ та  944.8 млн  лари у, кæцы у  58 процентæй, кæнæ та  114,1 млн АИШ долларæй фылдæр  2021 азы аналогион периодимæ абаргæйæ.

Централон Банкы хъусинагæй,   фæсарæнтæй  Гуырдзыстонмæ  хцайæ æрвитæггæгты 96.2 % уыцы  20  ставддæр   партнер бæстæйæ у, кæцытæй  æрвитæггæгты  бæрцуат  апрелы  сæ фæйнæйыл 1 млн  Аиш  даолларæй фылдæр уыд.

Уыцы 20 бæстæйæ ивгъуыд азы  апрелы  æмтгæйон æрвитæггæгты  91.5 %  уыд.  Æрвитæггæгты статистикæмæ гæсгæйæ,  сеппæтæй  фылдæр суммæ  Уæрæсейы Федерацийæ  уыд æрвыст -132.98млн АИШ доллар.  Дыккаг бынатыл  ис Итали 33.40 млн АИШ доллар. Æртыккаг бынатыл та АИШ 25.02 млн АИШ долларæй, цыппæрæм бынатыл ис  Хъазахстан -20,04 млн АИШ доллар, фæндзæм бынатыл  Греци -18,65 млн АИШ долларимæ.  Уыимæ  национ банкъы  хъусинагæй,  2022 азы  апрелы  Гуырдзыстонæй  фæсарæнтæм 25.4 млн АИШ доллар, кæнæ та  77.8 млн лари уыд æрвыст, кæцы  2021 азы апрелимæ абьаргæйæ  1.5 процентæй  къаддæр у.