Myvideo.ge Фыццаг Къаналы сигнал тауы пиратон фæндагæй
Myvideo.ge Фыццаг Къаналы  сигнал  тауы  пиратон фæндагæй

Фыццаг  Къанал   хæлиу кæны  фидиуæн  Myvideo.ge-йы  позицийы  фæдыл,  кæцымæ  гæсгæ дæр,   компани   коммуникациты   националон   камисы   уынаффæйы  бакоммæкæсын   нæ хъавыю

Фыццаг Къаналы  фидиуæн  уын æнхъарæм æнæивгæйæ:

«Футболы  2018  азы    дунейы  чемпионаты    равдисыны  эксклюзивон   бар сæрмагонд платформæтыл( телеуынынад, веб-фарс,  мобилон аппликаци)  ис  Æхсæнадон Телеуынынадмæ,   кæцы  æххæстæй  рæвдз кæны   матчыты  бæрзонд гъæдæй  трансляци  æппæт Гуырдзысоны   масштабæй  алы   амæлттæй, цæй  фадат дæр йæм ис ( сателит,  терестриалон  уацхæссынад, IPTV, Web  æмæ æнд). Уый  тыххæй  дæр логикæ хъуаг у  акцион æхсæнад  «Ай Ти Ди Си»  сæрмæмулкъы уæвæг   порталы myvideo.ge-йы  посзици,  дауу кæна  уыцы продукцийы   транзитыл,   кæцыйы  лицензи дæр йæм нæй. Уымæй  фылдæр,   ацы  абсурдон  информаци  рæдыды  æфтаы   аудиторийы  æмæ  лæккад кæны  æхсæнадон хъуыдыйæ  манипуляцидзинадæн.

Æхсæнадон Уацхæссæгы æмæ   myvideo.ge-ы  æхсæн  бирæ  бадзырдтæ  ацыд. Хъыгагæн, компани  ницæмæ æрдартта   Æхсæнадæон Уацхæссæджы  æркуырд æмæ  фæстæмæ дарддæр кæны  пиратон  транзит.

FIFA-ы  регуляцитæм  гæсгæйæ,   Æхсæнадон Уацхæссæгмæ ис бар  æрмæстдæр сæрмагонд  платформæтыл  сæххæст кæн  чемпионаты  трансляци,   ацы  рæстæджы   бакоммæкæса  контрактæй   химæ  цы  хæстæ райста ( трансялциты  фæлгæтты реклама равæрын,  Гуырдзыстоны  æддæйæ   сигналы   аолæвæрд  сæмбонд  кæнын (Geoblocking) æмæ а. Д.).

Фæнысангонд  фарстайы фæдыл   ис  Гуырдзыстоны коммуникациты националон   камисы   уынаффæ, кæцымæ гæсгæ дæр, Myvideo.ge, æнæаргъæвгæйæ   хуъамæ  баурома  Æхсæнадон Уацхæссæджы   къаналты  транзит  æбæрæг   ратæдзæнæй, сæххæст кæна    æрмæстдæр  Æхсæнадон Уацхæссæг йæм  цы  сигнал  бадæтдзæн  уый транзит  (æмбæлон  æркуырды фæстæ) æнæмодификацийæ,  æнæивгæйæ,   уымæн æмæ Фыццаг Къанал  йæхæдæг бæрæг  кæны  æндæр æмæ æндæр  платформæйыл   сæрмагонд контенты  алæвæрды  аууæлттæы,  дискриминацийæ уæгъд  ахасты  принцип  хъахъъæнгæйæ.

Æхсæнадæон  Уацхæссæг  хæсджын у, бахъахъхъæна  кæсджыты бартæ,   сæххæст кæна  æхсæнадæмон  партнерты раз химæ айст хæстæ, бæстæйы имиджы   аудын кой  кæна    æмæ   срæвдз кæна   пиратон   фæндæгтæй  эксклюзивон   продукты æнæзакононæй транзиты  кæрон скæнын» – дзырдæуы Фыццаг Къаналы  фидиуæны.

Компани  Myvideo.ge-ы минæвæрттæ,   прессконфере абон ауагъдтой æмæ райхъусын кодтой,  ома  Фыццаг æмæ  Дыккаг  Къаналты  рауи кæнынмæ гæсгæ,   коммуникациты  националон камисы  уынафæтæ  сæххæст кæнын  нæ  хъавынц æмæ  тæрхондонмæ  бахъаст кæныдзысты  зæгъгæ.