Гуырдзыстоны Фыццаг Къанал райдайы ног проект «Æмбæстаг Репортер»

Гуырдзыстоны Фыццаг Къанал  æрывнæлдта  ног  проект æххæст кæнынмæ «Æмбæстаг Репортер», кæцы   пайдагæнджытæн дæтты фадат æмбæстаг-журналисттæй  суæвын.  Уый тыххæй  æнæмæнгхъæугæ у  рафыссын  мобилон телефонмæ  уæлæмхасæн  1tv reporter,  уым регистраци  ацæуын,  цæй фæстæ  дæр   пайдагæнджытæн сæ бон уыдзæн  фото æмæ видео-æрмæджытæ арвитын,  кæцытæ   публикацигонд цæудзысты  уæлæмхасæны мидæг  æмæ веб-фарс 1tv.ge-ыл.

Фарстыты  сæвзæрды  цауы,  рафыссут номэлектронон постыл – [email protected] .