Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы æнтыстджын сезон

Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы  æнтыстджын сезон фæуд кæны. Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы  генералон директор Васил Магълаперидзе  куыд банысан кодта афтæмæй, ног телеуынынадон сезонæй  кæсджытæ  бирæ ногдзинад  фендзысты.

«Гуырдзыстоны Фыццаг Къанал  йæ позицитæ фæстæмæ йæхимæ  фидар кæны  æмæ фидæн сезон, фæззæджы  куы æрыздæхдзыстæм,   уыдзæн,  зæгъын,  æрфидары  сезон.  Фæстаг дыууæ азмæ  зæгъæн ис æртывæр бакодтам  алæвæрдты нымæц. Иттæг нысаниуæгджын у,  цæмæй документон сериалтæ исæм  æмæ ацы æрдгæй,   нырид  егъау  фæлтæрддзинад райстам,  æмæ афтæ адарддæр кæндзыстæм. Бирæ  азы фæстæ, Æхсæнадон Телеуынынадыл фæзынд мега-шоутæ  æмæ  уый дæр дарддæр кæндзыстæм,  ноджы ма нæм бабирæ  уыдзысты.

Уыцы алæвæрдтæ,  кæцытæ рейтингон  уыд æмæ  уыдон зонадон,  æрыгонон, сабион æмæ  ивхæрсæн-зонадон, цæй зæгъын æй хъæуы адарддæр уыдзысты æмæ плюс  уымæ,  музыкæйы æрдгæй дæр нæм  иттæг нысаниуæгджын у, цæмæй нын егъау æнтыст ис.  Ацы æрдæм стыр хъусдардæй  стæм æмæ егхау  проект  сарызтам.   ДЗæбæх  проектытæ цæуынц æххæст æмæ  ацы  арæдмадтæй  нын ис  бирæ ног  цымидисон  проект, фæлæ  хуымæтæг не сты,  уыдон æххæст кæнын райдайдзыстæм сентябрæй.

Гуырдзсытоны Фыццаг Къанал  у  алы æмбæстагы сæрмагонд.  Уыйраст ахæм хицæн къанал у,  куыд кæцыфæнды æндæр, фæлæ  уый  у  алы æмбæстагы  сæрмагонд, алкæй  иумæ æмæ æххæст кæны æмбæстæгты  фæнд. Фæлæ не ххæст кæны искæцы  хицæн гоймагы  кæнæ  кæцыдæр къуындæг   чысыл кхорды  фæндтæ.  Мæнæ  хæм у  æмæ ацы  претензитæй   кусыю  Нæ продукци  уыдзæн нæ претензиты  бæлвырдгæнæн,  кæцыты  уадзæм мах нæхæдæг» – хъусын кæны Васил Магълаперидзе.