Молдовайы хицаугæнæг партийы раздæры лидер Влад Плахатнюкæн стæрхон кодтой 19 азы ахæстоны фæбадын
Молдовайы олигарх æмæ хицаугæнæг партийы раздæры лидер Влад Плачатнюцæн 19 азы ахæстоны фæбадыны тæрхон рахастой.
Фæдагуырдмæ гæсгæ, хъуыддаг хауы Плахатнюкы хайадистмæ Молдавийы банктæй иу миллиард евройы давды.
Кишинёвы районон тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ, Плахатнюкы аххосджыныл банымадтой давды æмбалады.
Фæдагуырдмæ гæсгæ, Молдовайы хицаугæнæг партийы раздæры лидер æртæ молдоваг банкæй адавд æхцайæ райста 39 милуан евройæ фылдæр.
Плахатнюк йæхæдæг нæ уыд тæрхондоны тæрхоны хъусынгæнинагмæ.
Зæгъын хъæуы уый, æмæ прокуратурæ æрдомдта Влад Плахатнюкæн максималон тæрхон, 25 азы ахæстоны фæбадын.
2025 азы сентябры Плахатнюкы Грецийæ Кишинёвмæ радтой, цыран ныртæккæ ис ахæстоны.