МХМ публикаци кæны Панкисы Комы бынæттон цæрджыты æмæ барадхъахъъхæнджыты æхсæн быцæудзинады видео-къадртæ
Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрад Панкисы Комы бынæттон цæрджыты æмæ барадхъахъъхæнджыты æхсæн быцæудзинады видео-къадртæ публикаци кæны.
Акцийы хайадиджытæ, кæцытæ Комы ГЭС-ы арæзтад протест кодтой, спецнысаниуæгы балыл дуртæ æмæ лæдзгуытæ æхсын райдыдтой, æрымбырдуæвджыты ныхмæ та, спецназы балы минæвæрттæ спайда кодтой цæссыгуадзæн газ æмæ резинæйæ нæмгуытæ.
Быцæудзинады рæстæджы, цалдæр адæймаг фæцæф. МХМ-ы централон криминалон полицийы департаменты директоры хæдивæг Мамука Чъелидзейы информацийæ, Панкисы Комы быцæудзинады фæстиуæгæн æнæаргъæвгæ медицинон æххуыс бахъуыд 27 адæймагæн, сæ нымæцы 12 бынæттонæн æмæ 15 спецнысаниуæгы балы кусæнæ. Цæф МХМ-ы аст кусæгы фæхæццæ кодтой клиникæмæ.
МХМ æрсидтис акцийы хайадисджытæм, бакоммæ кæсæт полицийы æркуырдмæ, кæннод хъæугæ цауы та, спайда кæндзæн алы специалон фæрæзтæй.