МХМ - Паддзахадон департаменты терроризмы фæдыл хыгъдлæвæрды позитивонæй аргъгонд æрцыд бæстæйы арæнты, денджызон æмæ авиацион æдасдзинад фæхуыздæр кæныны тыхархайд
МХМ - Паддзахадон департаменты терроризмы фæдыл хыгъдлæвæрды позитивонæй аргъгонд æрцыд бæстæйы арæнты, денджызон æмæ авиацион æдасдзинад фæхуыздæр кæныны тыхархайд

Америкæйы Иугонд Штатты паддзахадон департамент терроризмы фæдыл 2023-æм азы хыгъдлæвæрд ныммыхуыр кодта, кæцыйы дунейы æндæр бæстæтимæ иумæ аргълæвæрд цæуынц Гуырдзыстоны æрдыгæй æххæстгонд мадзæлттæ. Уый фæдыл Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрад информаци парахат кæны.

Уагдоны информацимæ гæсгæ, документы позитивонæй аргъгонд цæуы бæстæйы тыхархайд æрдзон арæны, денджызон æмæ авиацион æдасдзинады фæхуыздæр кæнынæн, кæцы æндæр æмæ æндæр хъуыддæгты æхсæн æвдыст æрцыд ног системæты баконды æмæ æхсæнадæмон ахуырты хайадистæй.

«Хыгъдлæвæрдмæ гæсгæ, октябры Гуырдзыстоны арæнгæрон полици скуыста сæрмагонд электронон цæсгом базоныны программæ. Уымæй дарддæр ма, Гуырдзыстоны паддзахадон арæны ахсджиаг сегменттæ сифтонг кодтой 24/7 видеоцæстдарды системæйæ. Хыгъдлæвæрды афтæ дæр позитивонæй аргъгонд цæуы арæнгæрон полицийы æрдыгæй ног мобилон цæстдарды системæйы баконд, кæцы АИШ æмæ Евроцæдисы æххуысæй реализаци æрцыд æмæ заз арæны цæстдарды æмæ рабæрæг кæныны гæнæнтæ фæтыхджындæр кæнынæн баххуыс кодта. Хыгъдлæвæрды бахаххгонд цæуы, цæмæй Гуырдзыстоны арæнгæрон пъæлицæйы былгæрон хъахъхъæнынады бординг къорд ноджы иу хатт райста хайад НАТО-йы сæргълæудæй денджызон антитеррористон операци – «Денджызон хъахъхъæнынады» куыд оперативон партнер.

Документы дзырд цæуы, цæмæй 2023-2027 азтæн арæнты управленийы комплексон стратеги æмæ архайæн пъланы райрæзт фæцис. Афтæ дæр банысангонд цæуы, цæмæй Гуырдзыстон баиу ис ИНО-йы программæмæ террористты змæлды ныхмæ тох кæнынæн, кæцыйы нысан у превенци, рабæрæг æмæ фæдагуырд террористон фыдракæндтæ æмæ æнгæс змæлдтытæ, уæлæмхас бæлццæтты бæрæггæнæнтæй æмæ бæлццæтты нæмтты регистрацийы системæйы бæрæггæнæнтæй пайдагæнгæйæ. Хыгъдлæвæрды афтæ дæр ис фыст, цæмæй Гуырдзыстон регуляронæй хайад исы Интерполы документты æмæ бæлццæтты информацийы дих кæныны, се æхсæн давд æмæ сæфт балцы документты. Документы афтæ дæр банысангонд у, цæмæй Гуырдзыстон активонæй æмкуыст кæны æхсæнадæмон, регионалон æмæ дывæрсыг æмвæзадыл контртерористон фарстыты æрдгæй», – ис фыст информацийы.