МХМ-йы кусджытæ рамбылдтой сыгъзæрин æмæ æвзист майдантæ АИШ-ы уагъдцæуæг «Пъæлицæйы æмæ зынгхуыссынгæнæн хъæзтыты»
Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады кусджытæ АИШ-ы горæт Бирмингемы уагъдцæуæг «Дунеон полицийы æмæ зынгхуыссынгæнæн хъæзтыты – 2025»-ы цыппар сыгъзæрин æмæ дыууæ æвзист майданы рамбылдтой. Уый фæдыл информаци мидхъуыддæгты министрады пресс-куыстуат парахат кæны.
«Дунейы пъæлицæйы æмæ зынгхуыссынгæнæн хъæзтытæ» уагъд цæуынц дунейы æндæр æмæ æндæр горæтты 1985 азæй фæстæмæ алы дыууæ азы дæргъы. Ацы аз ранымад æхсæнадæмон турнир уагъд æрцыд горæт Бирмингемы, цыран 70 бæстæйæ 8500 спортсмены архайдтой 60 алыхуызон спортивон хуызы.