МХМ- фæдзæхсæм  дыууæдæр акцийы  организатьорты,  ма руадзæт сидтытæ  тыхмидзинады æрдæм, æмæ бацархайæт, цæмæй  акцитæ ма райсой  тыхмидзинады равг
МХМ- фæдзæхсæм дыууæдæр акцийы организатьорты, ма руадзæт сидтытæ тыхмидзинады æрдæм, æмæ бацархайæт, цæмæй акцитæ ма райсой тыхмидзинады равг

Хъусын кæнæм акциты хайадисджытæм, ма ахизæт  æмбырды æмæ  хъуыды равдысты сæрибары,  закъонæй  æруадзгæ  фæлгæттæй, –  уый фæдыл  куырдиат хæлиу кæны  мидхъуыддæгты министрад.

МХМ-йы информацийæ, акциты   хайадисджыты  æрдгæй   барадсасты   цыфæнды   факт,  цæхгæр кæрон скæндзæн полици.

«Æхсæнадæн  бæрæг куыд у  афтæмæй,   Руставелийы проспектыл   цæуы  акцит. Параллелонæй  19:00  сахатыл,  акци  сплан ис Пушкины  скверы.

Мидхъуыддæгты министрады хæс  у  сифтонг кæна æхсæнадæмон  сæрфады æмæ æдасдзинады хъахъхъæд  акциты  цыды рæстæджы  алкæцы ран.

Акциты хайадисджыты  æрдгæй закъонсасты  фактыл министрад æмбæлгæйæ реагир кæндзæн.  Сидæм  акцийы хайадисджытæм ма ахизæт  æмбырды æмæ  хъуыды равдысты сæрибары,  закъонæй  æруадзгæ  фæлгæттæй.

Афтæма фæдзæхсæм дыууæдæр акцийы  организатьорты  ма бауадзой  тыхмийы æрдæм сидтытæ æмæ бацархайæт, цæмæй  акцитæ ма райсæт  тыхмидзинады  равг.

Куыд иу, афтæ  иннæ  акцийы   хайадисджыты æрдгæй  барадсасты  кæцы фæнды факт,   полици цæхгæр кæрон скæндзæн»,- банысангонд у фидиуæны.