Мэтью Миллер – Дунейы иуæй-иу бæстæтæй хъауджыйæ, АИШ-ы растдæр демократонæй æвзæрст хицауад рахæссы нæ политикон уынаффæтæ æмæ ничи æндæр
Дунейы иуæй-иу бæстæтæй хъауджыйæ АИШ-ы демократонæй æвзæрст хицауад ис нæ политикон уынаффæтæ æмæ ничи æндæр, – уый фæдыл АИШ-ы паддзахадон департаменты спикер, Мэтью Миллер райхъусын кодта, АИШ-ы санкциты тыххæй Гуырдзыстоны премьер-министры куырдиæттæн куы сдзуап кодта уæд.
Журналист Руса Шелиа, Миллеры бафарста Гуырдзыстоны хицауады сæрдары фидиуæны тызххæй, кæцыйы Иракли Къобахидзе дзуры, цæмæй «Санкцитæм гæсгæ зылынджын паддзахадон департамент нæ фæлæ, уыцы олигархион тыхтæ сты, кæцытæ ис принципон æндæвдад АИШ-ы официалон институттыл». Журналисты фарст афтæдæр æххæссыд Ираклий Къобахидзейы АИШ-ы минæваримæ Робин Данниганимæ фембæлды фæдыл хицауады администрацийы публикацигонд информацимæ, кæцымæ гæсгæ дæр, фембæлдыл банысан ис, цæмæй санкциты уынаффæйæ, «америкаг фарс критикон арæнмæ бахæццæ ис».
«Уыдæтыл коментари нæ сараздзынæн. Цыбыр зæгъдзынæн, цæмæй Иугонд Штатты, дунейы иуæй-иу бæстæтæй хъауджыйæ, растдæр демократонæй æвзæрст хицауад исы нæ политикон уынаффæтæ æмæ ничи æндæр», – райхъусын кодта Мэтью Миллер.