Мьянмæйы зæххæнкъуысты фæстиуæгæн фæмард 144 адæймаджы, 732 та фæцæф сты
Мьянмæйы 7,7 магнитудон зæххæнкъуысты фæстиуæгæн фæмард 144 адæймаг æмæ фæцæф сты 732. Уый фæдыл информаци бæстæйы гарзджын тыхты сæргълæууæг Мин Аунг Хлайн парахат кодта.
Хлайн куыд загъта, афтæмæй амæттæгты æмæ цæфтæты нымæц хъуамæ фæфылдæр уа. Уæвæг информацимæ гæсгæ, амæттæгтæй 96 амардысты Найпидоуы, 18 Сикайны æмæ 30 та Мандалайы.
Бæстæйы æхсæз регионы уæлвæткон уавæр расидтысты.
Уæ информацийæ, Мьянмæйы 28-æм марты райсомæй 7,7 магнитудæйы тыхы зæххæнкъуыст æрцыд, зæххæнкъуысты эпицентр горæт Мандалайæ 17 километры бæрц уыд. Æнкъуыстытæ банкъардтой Тайланды æмæ Китайы хуссар-ныгуылæн провинци Юньнаны дæр.