Митрополит Шио - тынг æхсызгон у Давит Гареджийы хъуыддаг ног этапмæ куы ахызт уый
Цины хабар у, Давит Гареджийы хъуыддаг ног этапмæ куы ахызт уый – загъта Патриархы бынат хъахъхъæнæг митрополит Шио.
Уый ма банысан кодта, цæмæй ныфс дары, ома Давит Гареджийы дыууæ моладзандоны – Удабно æмæ Чичхитури, Гуырдзыстоны арæнты мидæг кæй уыдзысты уый.
«Комментари саразын мын зын у. Иунæг цы зæгъин, у уый æмæ тынг æхсызгон у ацы хъуыддаг ног этапмæ кæй ахызтис. Бацагуырд ис иттæг нысаниуæгджын æрмæджытæ æмæ мæм ныфс ис, цæмæй Давит гареджийы ацы дыууæ моладзандон фæстагмæ Гуырдзыстоны арæнты уыдзысты, историонæй куыд уыдис афтæ» загхта журналисттæн Митрополит Шио.