Мирза Субелиани - Гуырдзыстоны дæн, никæдæм ацыдтæн æмæ мæ бинонты дæр никæдæм аластон, æмкуыстдзинадмæ цæттæ дæн
Æз Гуырдзыстоны дæн, никæдæм ацыдтæн æмæ мæ бинонты дæр никæдæм аластон, æмкуыстдзинадмæ цæттæ дæн – уый тыххæй Фывццаг Къаналæн фехъусын кодта прокуратурæйы раздры кусæг æмæ Хоравайы уынгыл æрцæугæ марындзинады хъуыддаджы иуæй-иу æвдисæны фыд Мирза Субелиани.
Мирза Субелианийы ныхæстæм гæсгæ, уый цæттæ у алы фарстæн ратта дзуапп.
«МХМ-ы уыдтæн æрфарстыл. Уый тыххæй мын нæй бар фæдæвзарæны детæлтты тыххæй ныхас кæнын фæлæ фæдæвзарæн дарддæр кæны. Цыдæриддæр та мæн тыххæй фарстытæм æххæссы, цæттæ дæн цыфæнды фарстæн дзуапп раттын, фæнды парламентон камисы форматы, фæнды фæдæвзарæг камисы кæнæ æндæр цыфæнды формат дæр уæт» – райхъусын кодта Субелиани.
Хоравайы уынгыл мард иуæй-иу æнахъомы фыды – Заза Саралидзейы, бæлвырдгæнæнты фæмæнг кæныны тыххæй зылынгæнæнты дзуаппæн та, Субелиани ницы дзуры, рмæст банысан кодта, цæмæй уый зæгъгæ у фæдæвзарæны прерогативæ.