Миннесотайы бæрнонады палатæйы уæнг Мелисса Хортман æмæ йæ цардæмбалы лæгмарды аххосджын сбæрæг ис, хъусын кæны CNN
Вэнс Болтер, 57-аздзыд, аххосджын у Миннесотайы бæрнонады палатæйы уæнг Мелисса Хартманы æмæ йæ цардæмбалы амарыныл, хъусын кæны CNN . Публикацийы информацийæ, уый афтæдæр æрбабырста сенатор Джон Хоффман æмæ йæ бинойнагмæ, кæцытæ уæззау цæфтæ райстой æмæ сын бахъуыд операци.
Æхстгæнæг дыууæ закъондæттæджы дæр æрбабырста сæ хæдзæртты. Уый фæстæ алыгъд бынатæй. Фæдагуырды федералон бюро йæ бынаты тыххæй информацийы тыххæй 50 мин доллары хæрзиуæг снысан кодта.
CNN куыд хъусын кæны, афтæмæй æхсæджы автомобилы ссардтой 70 потенциалон нысаны номхыгъд, кæцытæн се ‘ппæтæн дæр ис цыдæр бастдзинад аборт æмæ бинонты пълан кæныны закъонтимæ. Фыдгæнæджы æмбал медийы фехъусын кодта, уый кæй уыд республикаг æмæ абортты фарсхæцæг.