Словакийы цалдæр горæты мингай æмбæстаг Роберт Фицойы хицауады политикæйы ныхмæ протест сарæзтой.
Люксембургы, Брюсселы, Ослойы æмæ Амстердамы дæр уагъд æрцыдысты демонстрацитæ «Словаки у Европæ».
Митингы организаторты ныхасмæ гæсгæ, Роберт Фицойы хицауад Словакийы фидæнæн тæссагдзинад хæссы демокративон æмæ сæрибар Европæйы.
Братиславайы æмæ æндæр горæтты фæстаг æртæ мæйы дæргъы мингай адæймаг протест кæны, кæцыйы тыххæй Роберт Фицойы йæ бынатæй ацæуын домдтой. Протесттæ райдыдтой 2024 азы декабры кæрон, Словакийы премьер-министр Уæрæсейы президент Владимир Путинимæ ныхас кæнынмæ Мæскуымæ куы ацыд, уый фæстæ.