Михеил Сарджвеладзе, Давит Сергеенко æмæ Димитри Хундадзе 18-æм медицинон уагдонмæ бацæудзысты
Парламенты уæнгтæ Михеил Сарджвеладзе, Давит Сергеенко æмæ Димитри Хундадзе 18-æм медицинон уагдонмæ бацæудзысты.
Журналисттæн парламенты æнæнизхъахъхъæды комитеты сæрдар Димитри Хундадзе куыд фехъусын кодта афтæмæй, бынатыл аныхас кæндзысты медицинон персоналимæ, чидæриддæр хайад исынц Михеил Саакашвилийы æнæниздзинад хъахъъхæды процессы.
«Уый нын фадат ратдзæн, фылдæр объективон информаци райсын. Æхсæнадон интересы тыххæй, ацы информаци уын фехъусын кæндзыстæм. Уыцы равгæ фæцæуæм, цæмæй ай æппæтæй максималонæй рацух кæнæм политикон миниуджытæ æмæ хъуыд кæнын, бантысдзæнис нын. Михеил Саакашвилийы бабæрæг кæнын ацы эатыпл æнæмæнгхъæугæ нæу, сæйраг у, йæ медицинон историимæ æрзонгæ уæм, кæцыйы фæрцы нын уыдзæн реалон информаци æмæ афтæдæр фенæм, уыцы фадæттæ, кæцы хъæуы ацы паицентæн хоскæнынæн» – райхъусын кодта Хундадзе.