Михеил Саакашвилийы пресс-куыст йæ æрцахсты видео хæлиу кæны

Одессæйы раздæры  губернаторы,  Михеил Саакашвилийы   прес-куыст   публикаци кæны видео,  кæцыйы мидæг   пресс-куысты   хъусинагæй,   æвдсыт сты   Саакашвилийы  ахсты кадртæ.

Саакашвилийы  пресс-куысты   информацийæ,   Киевы    ретсоран «Сулугунийы»  цур    Михеил Саакашвилийы  æрцахсынæм  бацыдысты   гæрзифтонг  уæнгтæ  «Фольксваген»-ы  маркæйы   хæлтулгæйæ.

Афтæдæр сæ  информацийæ,   ресторанмæ  маскъæджын  уæнгтæ    бабырстой,   кæцытæ   конд уыдысты паддзахадон  арæйнон  куысты    формæйы,  æмæ Михеил Саакашвилийы  æнæбæрæг  ардæмадæй аластой.

Давит Сахъвареидзе   куыд фыссы афтæмæй,    Саакашвилийы   æрцахсынмæ    бынатмæ бацыдысты æртæ автомобилæй.

Рауагъдад   strana.ua куыд фыссым афтæмæй,   Михеил Саакашвилийы  пресс-нымæрдар  Дарина Чиж райхъусын кодта, цмææй  Одессæйы   раздæры губернаторы  æрцахстой  сихоры  хæрыны  рæстæджы.