Украинæйы,Саакашвилийы фарсхæцджытæ генералон прокурроры  хæдзары цур æмбырд кæнынц
Украинæйы,Саакашвилийы фарсхæцджытæ генералон прокурроры хæдзары цур æмбырд кæнынц

Киевы, Одессæйы бæстæйы раздæры   губернаторы  Михеил Саакашвилийы   фарсхæцджытæ æмбырд кæнынц,   генералон прокурроры Юрий Луценкойы   хæдзары цур,  акци саразынæн.

Фыццаг Каналы  журналист бынатæй  куыд  хъусын кæны  афтæмæй,  Саакашвилийы  фарсхæцджыты  колоннæ  Пушкины   скъверæй  рацыд  æмæ Луценкойы   хæдзары цурмæ бацыдысты,   кæцы Киевæй 25 километры  дæрццæг лæууы.

Михеил Саакашвилийы æмбисæхсæвы  Киевы æрцахстой. Ацы рæстæгмæ   уый  уæвы  развæлгъау  ахсты   изоляторы.  Адвокат куыд расидтис афтæмæй,   Саакашвили  ахæстоны  райдыдта нæхæргæ акци.