Михеил Саакашвилийы æфхæрдæххæстгæнæг уагдоны йæ мад æмæ йæ хъæбултæ  бабæрæг кодтой
Михеил Саакашвилийы æфхæрдæххæстгæнæг уагдоны йæ мад æмæ йæ хъæбултæ бабæрæг кодтой

Михеил Саакашвилийы бæрæгдзау æфхæрдæххæстгæнæн  уагдонмæ бацыдысты  йæ  хъæбултæ æмæ йæ мад.

Руставы 12-æм пенитенцион уагдоны цур  Эдуард Саакашвили куыд райхъусын кодта,афтæмæй, зæгъгæ бинонты  приоритет у  Михеил Саакашвилийы   æнæниздзинад æмæ  сæрибардзинад.

«Нæ  фыдимæ  аныхас кодтам. Æз æмæ Никуша  æрбацыдыстæм  цæмæй нæ фыды федтаиккам.  Тынг нысаниуæгджын у, цæмæй   нæм уый  фадат уыд лæвæрд   дæсæм бон.   Рагæй  æнхъæлмæ кастыстæм.  Нæ приоритет,  куыд бинонтæн у уый цæмæй  Мишайы  ценæм æнæнизæй æмæ сæрибарæй.  Афтæма бузныг алкæмæн, чидæриддæр  махау  хъуыды кæны» – райхъусын кодта Эдуард Саакашвили.

Михеил Саакашвилиимæ  фембæлды фæстæ,  журналисттимæ  комментари сарызта Гиули Аласаниа дæр.

Саакашвилийы мад куыд  хъусын кæны афтæмæй, йæ хъæбулæн бæлгъстæ кодта нæхæргæ протест  ныууадзын, фæлæ  Алсаниайы дзырдæй,   зæгъгæ ацы темæйы  Михеил Саакашвили ныхас дæр фæндыд.

«Йæ æнæниздзинады уавæрæн  аргъ раттын мæ бон нæу.  Зонын уый,цæмæй адæймаг  15-æм бон у нæ  хæры.  Бæрæг куыд у афтæмæй,   цалынмæ ацы ахæстонмæ бахаудаит, уыцы  бонтæ дæр   æз куыд фæфиппайдтон афтæмæй  ницы  хордта. Нæхæргæ протестгæнджыты бир æнæ  федтон,  уый  федтон æмæ  цæй зæгъын æй хъæуы йæ бакаст раздæронау  наул у. Бацыдыстæм æз  æмæ йæхъæубултæ. Уый тыххæй  тыхджын архайдта, цæмæй  цæрдæг æмæ ныфсджын уыдаит, фæлæ цæй зæгхын æй хъæуы  цæрдæг нæу.  Зыгхтон йын æхормагдзинад ныуадзын, фæлæ  амондæн  æви хъыгагæн, ацы  хъæбул  мæм рагæй   нал хъусы, йæхи цæстæнгас йын ис  алцæй тыхæхй» 0  райхъусын кодта Гиули Аласаниа.