Михеил Саакашвили – сидын æнæхицауадон организацитæм, глобалон «Магнитскийы номхыгъды» бакусыны процессмæ активонæй баиу уæд, уымæн æмæ уый нæу партион фарста
Сидын æнæхицауадон организацитæм, глобалон «Магнитскийы номхыгъд» бакусыны процессы активонæй баиу уæд, уымæн æмæ уый нæу партион фарста, – уый фæдыл Гуырдзыстоны раздæры президент Михеил Саакашвилийы «Фейсбукы» фарсыл у банысангонд.
«Знон тæрхонон процессæй, юстицийы министрады минæвæртты раныхасæй æз бамбæрстон цалдæр хъуыды: 1. Министрад не ууæнды йæ иунæг æвзæрст дохтыры хатдзæгыл дæр. 2. Уый цæмæй, цыдæртæ нæ хъуыды кæнын, 50 килограммæй смæллæг дæн, цæуын нæ фæразын æмæ а.д. уыдон иууылдæр сты 2017 азы Киевы фæзындты аххос. Мæ хуъыдымæ гæсгæ, цыппар азы кары велосипедæй рахаудтæн æмæ æртæ дæндаг асастон – æмæ æцæгæй æрмæст уый аххос ай æппæт. Кæй мæ надтой, асфальт æмæ астæрдыл мæ кæй фæралас-балас кодтой, шумок мын сарызтой æмæ мæ фæмаргджын кодтой, уыдæттæ ницы сты. Чидæр Николеишвили дзуры дунейы иуæй-иу сеппæтæй хуызддæр неврологæн, цæмæй дам дæ диагнозыл æууæнк нæй, æрмæст ацы Николейишвили фæцис Гуры юридикон факультет æмæ практиконæй, гени Лаханиимæ, (кæцы 12 азы кары ссис студентæй, æмæ Америкæйы алы сæйраг хорзæхтæ йæм уыд лæвæрд) дауу кæны медицинæйы тыххæй.
Уый æппæт худинаг уыдаит, хъуыддаг нын марындзинады сценариимæ куы нæ уаид æмæ Урткмелидзе ма уаид æвæлмаст марындзинады классикон минæвар.
Ахæм субъектты глобалон «Магнитскийы номхыгъдмæ» бахæссыны тыххæй куы зæгъæм, уæд æз сидын ацы хъуыддаджы активонæй баиу уæд æнæхицауадон организацитæ, уымæн æмæ уый нæу партион хъуыддаг», – банысан кодта Михеил Саакашвили.