Михеил Саакашвили – æз тох кæнын Гуырдзыстоны тыххæй уырысæгтимæ, фарсхæцджытимæ æмæ нæ цымидис кæнын мид интригæтæй
«Иугонд Националон Змæлд» æвæццæгæн ацы фæндаг хъуамæ рацыдаит æмæ уынæг дæн, цæмæй бирæ тыхджындæр рацæудзæн ацы процесстæй, – уый фæдыл Гуырдзыстоны раздæры президент Михеил Саакашвили фыссы социалон хызагы æмæ «Националон Змæлды» цæугæ процессты кой кæны.
«Æз дæр кæронмæ дæн ацы тохы уырыссаг олигархимæ æмæ Уæрæсеимæ (Лавров амæйразмæ Европæйы ралæуды нысаниуæгджын хай мын снывонд кодта) уый тыххæй æз тох кæнын Гуыдзыстоны тыххæй уырыссæгтимæ, сæ фарсхæцджытимæ æмæ нæ цымидис кæнын мид интригæтæй.
Кæддæриддæр æргом дæн æндæр æмæ æндæр адæймæгтæн æмæ къордтæн ноджы тыхджындæр иугонд саразынмæ, кæнæ ацытæккæ «уæлахиздзинады коалицийы» платформæйыл, кæнæ та цъус фæстæдæр , алчи куы бамбардзæн, цæмæй иудзинадæн альтернативæ нæй», – фыссы Михеил Саакашвили.
Бæрæгдзырдæн, партийæ абон Зугдиды сакребулойы фракци «Националон Змæлды» ноджы 14 уæнгæй ныууагъдтой.