Михеил Саакашвили – 31 октябры фæстæ абоны ныхмæлæуджытæн сæ къух хъуамæ райсæм æмæзæгъæм сын, раздæры хæрамдзинад фæрох кæнæм зæгъгæ
«Националон Змæлд – Тых иудзинады ис» Руставы цæрджытæн, мажоритар депутаттæм кандидатæй бавдыста Давит Киркитадзейы.
Æрымбырдуæвджытæм Украинайæ дзырдæй раздæхт Гуырдзыстоны раздæры президент, Михеил Саакашвили. Уый руставæгтæн раарфæ кодта «Националон Змæлды» кандидатæн фарс рахæцыны тыххæй.
Михеил Саакашвилийы фидиуæнæй, зæгъгæ Иванишвили цæттæ кæны æвзæрстытæ фæмæнг кæнынмæ, фæлæ йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ гуырдзиаг адæм цæттæ кæнынц стыр уæлахиздзинадмæ.
Афтæма, Михеил Саакашвилийы дзырдæй, 31 октябры фæстæ сæ ныхмæлæуджытæн æмæ сæ критиктæн хъуамæ райсæм къухтæ æмæ хæрамдзинад та фрох кæной.
«Фæнды мæ алкæмæн зæгъын, 31 октябры фæстæ нæ абоны ныхмæлæуджытæн, нырыккон æмæ ызноны критиктæн æнæмæнгæй хъуамæ райсæм къух æмæ сын зæгъæм, ферох кæнæм раздæры хæрамдзинад, ферох кæнæм æвзæр цы сарызтат уый. Цæй ма алчи иумæ бакусæм цæмæй гуырдзиаг адæм баиу уа æмæ Гуырдзыстонæн иумæ саразæм йæ фидæн. Æнæкæсгæ алцæмæ, ис нын уæлахиздзинады, ныббарыны, састбаййафæг ныхмæлæууæгæн йæ къух райсыны тых дæр æмæ алкæйимæ иумæ, ног Гуырдзыстоны арæзтады тых, энерги, фæлтæрддзинад æмæ ног идеятæ дæр» – райхъусын кодта Михеил Саакашвили.