Михеил Хъавелашвили – Гуырдзиæгтæ бæлвырдæй зонынц цавæр принциптæ æмæ аргъдзинæдтæ хæсджын стæм ацы уæззау периоды нæ паддзахад æмæ гуырдзиаг адæм иумæ лæууынц бæстæ хъахъхъæнынæн.
«Нæ паддзахад æмæ гуырдзиаг адæм амондæн иугонд сты ацы уæззау периоды æмæ иумæ лæууынц сæ бæстæйы бахъахъæнынæн» -расидтис Гуырдзыстоны президент Михаил Хъавелашвили парламенты æрвылазон ныхасы рæстæджы.
Хъавелашвили куыд банысан кодта афтæмæй, ацы уæззау периоды, паддзахад æмæ гуырдзиаг адæм сты иугонд, иумæ лæууынц сæ бæстæйы хъахъхъæнынæн.
«Нæ райгуырæн бæстæ æмæ гуырдзиаг адæм абон цæуынц нæ паддзахаддзинады фæлварæны нысаниуæгджын этапыл». Æнусты дæргъы фæлтæрддзинад, хъæздыг истори, культурæ, гуырдзиаг нацийы намыс æмæ фидар удыхъæд сты уыцы фундаменталон аргъдзинæдтæ, кæцытæ судзгæ цырагъау, Гуырдзыстоны ацы вазыгджын æмæ тæссаг фæндагыл амонынц. Нæ фыдæлты фæлтæрддзинад нын бацамыдта, куыд ахсджиаг у фидар лæууын æмæ æнæрастдзинадимæ тох кæнын; Хуыцауыл, бæстæйыл æмæ хиуыл æууæндын. Нæ чысыл, фæлæ сæрыстыр адæмыхатт фервæзт æмæ абоны бонмæ æрцыд ацы уагæвæрдтыл хæцгæйæ, йæхи æвзаг, фыссынад, культурæ, дин, æгъдæуттæ æмæ æууæлтæ бахъахъхъæнгæйæ, Гуырдзыстоны бацахсæг тыхджындæр адæмтæй бирæтæ куынæг æмæ скуынæг сты . Уый хынцгæйæ, мах гуырдзиæгтæ бæлвырдæй зонæм, цавæр принциптæ æмæ аргъдзинæдтæ хъуамæ хъахъхъæнæм, цæмæй хъуамæ уæм къæрцхъус æмæ фæстагмæ цавæр Гуырдзыстон хъуамæ саразæм. Амондæн, ацы уæззау рæстæджы нæ паддзахад æмæ гуырдзиаг адæм сты иугонд æмæ иумæ лæууынц сæ бæстæйы хъахъхъæнынæн. Сæ хицæндзинæдтæм æнæкæсгæйæ, кæрæдзийы фарсмæ лæугæйæ, уыдон фидарæй хъахъхъæнынц сæ райгуырæн бæстæ, куыд иугонд, бинонтæ, кæцытæ хуыйнынц Гуырдзыстон» -расидтис Гуырдзыстоны президент.