Михеил Джанелидзе - Женевæйы æхсæнадæмон дискусситæ 2008 азы фæстæ цæуы æмæ нын хъыгагæн конкретон фæстиуæг нæй
Женевæйы æхсæнадæмон дискусситæ 2008 азы фæстæ цæуы æмæ нын хъыгагæн конкретон фæстиуæг нæй – уый фæдыл Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Михеил Джанелидзе расидтис.
Михеил Джанелидзейы ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстоны хицауады ахаст æнæивгæйæ конструктивон у æмæ здæхт у Уæрæсе-Гуырдзыстоны конфликты сабырадонæй аскуыддзагы фæндæгты рацагуырыны æрдæм. Министры ныхæстæм æгæсгæ, женевæйыс æхсæнадæмон дискусситæ ацы принципæй адарддæр уыдзæн.
«Женевæйы æхсæнадæмон дискусситæ 2008 азы фæстæ цæуы, нырид 42-æм раунд сырæзт æмæ нын хъыгагæн, ацы раундты фæлгæтты исты конкретон фæстиуæг нæй.
Гуырдзыстоны хицауады ахаст зайы æнæивгæйæ конструкцион æмæ зæдхт у Уæрæсе-Гуырдзыстоны консфликты сабырадонæй аскуыддзагы фæндæгты рацагуырын æрдæм. Адарддæр кæндзыстæмрастдæр ацы принципæй Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы форматы хайад райсын æмæ нæ ахаст дæр баст у уыйимæ, цæмæй ацы вазыгджын уавæрæй гæнæн рацæуæн ссарæм. Кæд уымæн бахъæудзæн бæрзонддæр политикон бастдзинад æмæ нæ уырны цæмæй, бæрзонд политикъон æмвæзады бастдзинадæй гæнæн ис ноджы фылдæр къахдзæф саразын, уæд мах уымæ цæттæ стæм.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Женевæйы фæдылдзог раунд ацæудзæн ахæм форматы, цы форматы дæр уыдис ацы афонмæ.
«Фæлæ нæ нысан у цæмæй фæдылдзог раундтыл, сырæза уый бындур, цæмæй авæрæм къахдзæфтæ конфликты сабырадонæй аскуыддзагы æрдæм. Уымæн арызт уыдис ныры онг нæ алы къахдзæф æмæ фидæны дæр нæ нысан уыдзæн сабырадон фæндагæй, нæ территорион æнæхъæндзинад сæндидзын кæнын, нæ территориты деоккупаци æмæ уымæ гæсгæйæ дæр, конфликты аскуыддзаг кæнын.
Хъæугæ цауы, ацы цæттæдзинад æвдыст у документты мидæг. Премьер-министр ацы цæттæдзинады сбæлвырд кодта æмæ мах аы принципæй къухдариуæг кæндзыстæм. Делегаци ацæудзæн Женевæмæ, ориентацигонд уыдзæн конструктивон бастдзинадæй адарддæр кæна кусыню Уый тыххæй хъæуы дыккаг фарс дæр уа цæттæ, цæмæй саразæм къахдзæфтæ æмæ кæд ацы къахдзæфтæ æрдомдзысты бæрзонд политикон æмвæзады хайад, уæд не рдыгæй ацы цæттæдзинад уыдзæн.
Женевæйы æхсæнаæдмон дискусситы формат у, иттæг нысаниуæгджын у Уæрæсе-Гуырдзыстоныконфликты аскуыддзаг кæнынæн æмæ уым хайад исы алы нысаниуæгджын автор, æхсæнадæмон организаци, зонут æй, уым хайад исы ИНО-йы специалон минæвар, Евроцæдисы, ОБСЕ-йы минæвæрттæ. Уый тыххæй нæ ацы форматæн стыр нысаниуæг дæттæм æмæ хъуыды кæнæм, цæмæй гæнæн ис куыд ног фæрæзты раагурын, афтæдæр къахдзæфтæ авæрын конфликты сабырадонæй аскуыддзагы æрдæм» – расидтис Михеил Джанелидзе.