Михеил Джанелидзе -  Оккупацигонд Гуырдзыстоны регионтæм  æнæмæнгхъæугæ у адæймаджы барты  хъахъъхæнæг æхсæнадæмон механизмтæ æнæаргъæвгæйæ  æруадзын
Михеил Джанелидзе - Оккупацигонд Гуырдзыстоны регионтæм æнæмæнгхъæугæ у адæймаджы барты хъахъъхæнæг æхсæнадæмон механизмтæ æнæаргъæвгæйæ æруадзын

Гуырдзыстоны фæсарæн  хъуыддæгты министр Михеил Джанелидзе,  æрсидтис æхсæнадæмон   æмгарадмæ,   ратта  æмбæлон аргъ   Гига  Отхозориа æмæ  Арчил Татунашвилийы   хъуыддæгтæн.   Уый фæдыл информацийы  хæлиу кæны  фæсарæн хъуыддæгты министрад.

Æддагполитикъон уагдоны  куъхдариуæггæнæг куыд лщуры афтæмæй,   ИНО-йы  адæймаджы барты советы,  Абхазийы æмæ Цхинвалы  оккупацион редимты  архæйдтытæ  сты дикриминаци  этникон бындурыл.  Уæвæг уавæры банымадæй, Джанелидзе   бахахх кодта   оккупацигонд  регионты, адæймаджы барты сæрыл дзурæг  æхсæнадæмон механизмтæ æнæмæнгхъæугæ кæй сты уый.

«Бынæттон цæрджытæн байстой  цæрыны бары  минималон гарантитæ.  Ноджы иу хатт    бракой кæндзынæн  Гига Отхозориайы хъуыддагыл –  этникон гуырдзиагы,  кæцыйы   «арæнхъахъъхæнджытæй» кæй  хонынц уыдон,  амардтой  оккупацион хаххы цур  æмæ йæ марæг та ацы афонмæ нæу ахст.  Хъыгагæн уый нæу   иухаттон  цау.  Цалдæр боны размæ   оккупацион режим  рацахстаГуырдзыстоны  æртæ  æмбæстагы.  Уæвæг информацийы бындурыл,  сæ иу  Арчил Татунашвилийы бафхæрдтой физикъонæй цæй  фæстæдæр  уый амард.  Татунашвилиимæ   ахст  дыууæ  уæнгмæ, нырма дæр нæ  дæттынц  бар   рацæуой оккупацигонд регионæй.  Ацы архйдтытæн æнæмнгхъæугæ у   консолидацигонд  дзуапп  æхсæнадæмон æмгарадаæй» – расидтис Михеил Джанелидзе.

Йæ  ныхæстæм гæсгæ,  æрмæст  æхсæнадæмон  æлхъывды  фæрцы  ис  гæнæн  уырыссаг оккупаци кæрон скæнын  æмæ  уымæй цæугæ  фæстиуджытæй хибахизын,  афтæдæр  адæймаджы бартæ бахъахъхъæнын  æмæ æхсæнадæмон барады нормæтæ.

Михеил Джанелидзе куыд банысан кодта афтæмæй,   Гуырдзыстоны хицауад   иузæрдыг у  конфликты сабырадон фæндагæй æмæ   цæттæ у  сæвзæрын кæны  æмсæр   фадæттæ, уый нымæцы  æмбæстæгтæн, кæцытæ  цæрынц оккупацигонд  территоритыл.