Ираклий Гъарибашвили - хицауад алцыппæт  аразы  уый тыххæй, цæмæй  Гига Отхозориайы  марындзинады аххосджын  уæнгтæ иууылдæр   закъонмæ гæсгæ  æфхæрд æрцæуæд
Ираклий Гъарибашвили - хицауад алцыппæт аразы уый тыххæй, цæмæй Гига Отхозориайы марындзинады аххосджын уæнгтæ иууылдæр закъонмæ гæсгæ æфхæрд æрцæуæд

Мах  хицауад алцыппæт  аразы  уый тыххæй, цæмæй  Гига Отхозориайы  марындзинады аххосджын  уæнгтæ иууылдæр   закъонмæ гæсгæ  æфхæрд æрцæуæд –  уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили   социалон хызагы  фыссы.

«Абон фондз азы  сыххæст ис  Абхазы  оккупацион хаххы  цур æвзонг    патриот Гига Отхозориайы  марындзинадæй.

Ацы  æбуалгъ   фыдракæнд   у реалон цæсгом, кæцы  Гигайы æмæ нæ  æндæр  æмбæстæгты  цард ахаста.

Нæ хицауад алцыппæт  аразы  уый  тыххæй,  цæмæй   Гига Отхозориайы  марындзинады аххосджын  уæнгтæ иууылдæр   закъонмæ гæсгæ  æфхæрд æрцæуæд.

Архайæм   цы барадон  æмæ æхсæнадæмон мæцъистæ нæм ис  уый æппæтæй,   цæмæй  фыдгæнджытæ  тæрхонмæ  лæвæрд æрцæуой» –  фыссы Гъарибашвили.