Михеил Джанелидзе НАТО-йы генералон нымæрдарæн фарсхæцыны тыххæй бузныг дзуры
НАТО-Гуырдзыстоны камисы райдайыны размæ, Михеил джанелидзе Йенс Столтенбергимæ фембæлд.
Михеил Джанелидзе куыд расидтис афтæмæй, сырæзт иттæг хорз фембæлд æмæ Йенс Столтенбергимæ фæныхас кодта Гуырдзыстоны уыцы прогрессы фæдыл, кæцымæ бæстæ баххæссыд НАТО-йы уæнг бæстæты æххуысы руаджы.
Бузныг уын дзурын Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад æмæ суверенитетæн, Гуырдзыстоны европаг тырнынадæн фарсхæцыны тыххæй. Иумæ кусæм Сау Денджызы регионы æмæ регионалон æдадсзинады срæвдз кæнынæн. Сæрыстыр стæм, цæмæй нæ хай æххæст кæнæм евроатлантикон тыгъдады æдасдзинады хъуыддаджы æмæ фидæны дæр адарддæр кæндзыстæм нæ хайбавæрд» – расидтис Михеил Джанелидзе.
Фембæлдыл Йенс Столтенберг куыд банысан кодта афтæмæй, Гуырдзыстонимæ партнерад НАТО-йæн тынг нысаниуæгджын у. Альянсы генералон нымæрдар, ноджы иу хатт равдыста сæрмагонд æмæ альянсы хъæддых фарсхæцынад Гуырдзыстонæн æмæ бахахх кодта Гуырдзыстонимæ партнерады нысаниуæг.