Михеил Джанелидзе НАТО-йы генералон нымæрдарæн  фарсхæцыны  тыххæй  бузныг дзуры
Михеил Джанелидзе НАТО-йы генералон нымæрдарæн фарсхæцыны тыххæй бузныг дзуры

НАТО-Гуырдзыстоны камисы  райдайыны размæ, Михеил джанелидзе  Йенс Столтенбергимæ  фембæлд.

Михеил Джанелидзе  куыд расидтис  афтæмæй,  сырæзт   иттæг хорз фембæлд  æмæ  Йенс Столтенбергимæ фæныхас кодта  Гуырдзыстоны  уыцы прогрессы фæдыл,  кæцымæ бæстæ баххæссыд  НАТО-йы  уæнг бæстæты æххуысы руаджы.

Бузныг  уын дзурын  Гуырдзыстоны  территорион æнæхъæндзинад æмæ  суверенитетæн,  Гуырдзыстоны европаг тырнынадæн фарсхæцыны тыххæй. Иумæ кусæм Сау Денджызы  регионы æмæ   регионалон  æдадсзинады  срæвдз кæнынæн.   Сæрыстыр стæм,  цæмæй  нæ хай æххæст кæнæм   евроатлантикон   тыгъдады  æдасдзинады   хъуыддаджы æмæ  фидæны дæр адарддæр кæндзыстæм  нæ хайбавæрд» –  расидтис Михеил Джанелидзе.

Фембæлдыл  Йенс Столтенберг куыд банысан кодта афтæмæй,   Гуырдзыстонимæ  партнерад  НАТО-йæн  тынг нысаниуæгджын у. Альянсы   генералон нымæрдар, ноджы иу хатт  равдыста  сæрмагонд æмæ  альянсы  хъæддых  фарсхæцынад  Гуырдзыстонæн æмæ   бахахх кодта  Гуырдзыстонимæ  партнерады нысаниуæг.