Михеил Джанелидзе - Люксембургы фæсарæн хъуыддæгты министримæ фембæлдыл, æрныхас кодтам Арчил Татунашвилийы хъуыддаджы фæдыл
Михеил Джанелидзе -  Люксембургы  фæсарæн хъуыддæгты министримæ фембæлдыл, æрныхас кодтам  Арчил Татунашвилийы  хъуыддаджы  фæдыл

Михеил ДжанелидзеÆнæмæнгхъæугæ  у æхсæнадæмон  дзыллæйы максималон хъусдард  уцы  къахдзæфты æрдæм,  кæцыты  Уæрæсе аразы Абхази æмæ  Цхинвалы регионы  фактон  аннексийы æрдæм –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Михеил Джанелидзе  райхъусын кодта  Люксембургы  фæсарæн хъуыддæгты  министримæ фембæлды фæстæ уагъд  иумæйаг пресс-конференцийыл.

Михеил Джанелидзе  куыд  банысан кодта  афтæмæй,   фембæлдыл  ныхас  уыд, оккупацигонд Гуырдызстоны  территорийыл æдадсзинады  æмæ адæймаджы  барты  хъахъъæды цæстæнгасæй  уæззау уавæрыл.

«Фембæлдыл  сæрмагонд хъусдард  Арчил Татунашвилийы   марындзинады  факты æрдæм æрцыд здæхт.  Кæцы Уæрæсейы  оккупацийы  æмæ   фактон аннексийы  политикæйы фæстиуæг у.  Æнæмæнгæй хъуамæ дзуаппмæ лæвæрд æрцæуой.  Ахæм фактытæй  ноджы иу  хатт бæрæг у  уый,  цæмæй  бынатыл  æдасдзинады æмæ адæймаджы барты  хъахъхъæды æхсæнадæмон  механизмтæ æнæмæнгхъæуæг сты.  Æхсæнадæмон дзыллæйы  максималон  хъусдард хъæуы уыцы  къахдзæфтыл, кæцыты Уæрæсе  Абхазий æмæ Цхинвалы регионы  фактон аннексийы æрдæм  æххæст кæны.  Æнæмæнгхъæугæ  у, цæмæй Уæрæсейы Федераци  йæхимæ цы æхсæнадæмон хæстæ райста, уый  нымæцы 2008 азы, 12 августы  æхсты фæуромыны фæдыл бадзырды  æххæстæй æмæ   æнæаргъæвгæйæ  сæххæст кæна» –  райхъусын кодта  Михеил Джанелидзе.

Джанелидзейы дзырдæй,   банысангонд фарстыл  уынаффæ  æмæ дискусситæ  абон Женевæйы цæуынц.