Михеил Джанелидзе - Иттæг нысаниуæгджын у, АИШ-ы Гуырдзыстоны фæдыл куы хъуыды кæны националон æдасдзинады стратегийы фæлгæтты
Иттæг нысаниуæгджын у, АИШ-ы Гуырдзыстоны фæдыл куы хъуыды кæны националон æдасдзинады стратегийы фæлгæтты – уый фæдыл фæсарæн хъуыддæгты министр Михеил Джанелидзе АИШ-ы националон æдасдзинады стратегийыл ныхасы рæстæджы загъта, кæцыйы мидæг дзырдæуы Гуырдзыстоны тыххæй дæр.
«Ай у тынг нысаниуæгджын АИШ-ы Гуырдзыстоны тыххæй куы хъуыды кæнынц националон æдасдзинады стратегийы фæлгæтты, ныхас куы цæуы Гуырдзыстоны фæдыл æмæ Гуырдзыстонимæ, регионимæ баст фарстытыл уæд. Фæнысан кæнинаг у цæмæй Гуырдзыстон кастæуы националон æдасдзинады контексты. Ай у АИШ-имæ нæ арф æмгуыстады фæстиуæг, тынг егъаумасштабон партнерады, уый нымæцы æдадсзинады фарстыты æмæ уый кæй зæгъын æй хъæуы, сегасæй нысаниуæгджындæр у, цæмæй мах уый хъом уæм нæ сæйраг парнеримæ, Куыд АИШ-имæ – афтæ Евроцæдисимæ иумæ бахъом уæм уыцы тасæн, кæцытæ регионы ис. Афтæдæр уыцы тастæн, кæцы рацæуынц Уæрæсейы Федерацийы æрдгæй æмæ ахъом уæм нæ конфлиты аскуыддзагы процесс ауадзын» – загъта Михеил Джанелидзе.
АИШ-ы президент Дональд Трамп националон æдасдзинады ног стратегий бавдыста. 68 фарсджын документы мидæг Гуырдзыстоны тыххæй дæр ис дзырд. АИШ-ы ног стратегийы куыд дзырдæуы афтæмæй, Уæрæсе, Гуырдзыстонмæ бырстæй, равдыста уый, цæмæй Мæскуы регионы паддзахадты суверенитет басæттынмæ цæттæ у.