Михеил Батъиашвили –Скъолаты инфраструктурæ Ныгуылæйнаг стандарттæм ахизын кæнынæн хъæуы иууыл цъус авд миллиард лари
Гуырдзыстоны масштабæй, уый тыххæй цæмæй скъолаты инфраструктурæ ныгуылæйнаг стандарттæм ахиза, иууыл цъус авд миллиард лари бахъæудзæн – уый фæдыл Гуырдзыстоны ахуырады министр, Михеил Батъиашвили Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы алæвæрд «Бизнеспартнеры» эфиры загъта. Алæвæрды сæйраг темæ уыд ахуырад æмæ къабазы уæвæг проблемæтæ.
«Азты дæргъы æрымбырдгонд проблемæтæ ис алы æрдæм. Æнæхъæн Гуырдзыстоны масштабæй æрмæст скъолаты инфраструктурæ ныгуылæйнаг стандартты онг куы схыза, минималон бахыгъдæй, авд миллиар д лари хъæуы. Уый æрмæстдæр техникон проблемæйæ, уымæй дарддæр, аскуыддзаг кæнын хъæуы педагогты материалон уавæры проблемæ. Ац ыхъуыддагыл куы нæ бамæт кæнæм уæд тынг зын уыдзæн уæвæг рарды аскуыддзаг кæнын» – райхъусын кодта Батъиашвили.
Министры æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, нысаниуæгджын проблемæты нымæцы ис скъолайы агъоммæ ахуырад, уæлдæр ахуыргæнæндæтты ахуыры гъæд æмæ регионты професиион ахуыры цас рæувадат у уый, кæцы тынг популярон ссис.
Бæрæг куыд у афтæмæй, Гуырдзыстоны премьер-министр прецедент кæмæн нæй ахæм инициативæйæ ралæууыд, кæцымæ гæсгæ дæр, 2022 азæй, бæстæ йæ æмтгæйон мид продукты æхсæз проценты, ахуырадыл бахардз кæндзæн. Уæдмæ та ахуырады системæйы цы проблемæтæ æрымбырд сты, уыдоны аскуыддзагæн ахуырады министрады бюджет æрвылазонæй 500 милуан ларийæ фæфылдæр уыдзæн.
Министр ныфс æвæры, цæмæй æрвылазонæй 500 милуанæй бюджеты райрæзт, этапгай æххуыс уыдзæн секторæн, уæвæг проблемæты аскуыддзагы, цалынмæ бæстæ ахуырады сферæйы, йæ æмтгæйон мид продукты 6% нывæрдзæн.
Батъиашвилийы хъуыдымæ гæсгæйæ, Гуырдзыстоны инициативæ йæ ÆМП-ы 6% ахуырадыл бахардз кæна, бæстæйы скæндзæн Дунейы дæсоймæ. «Ацы нымæц æцæгдæр прецедент цæмæн нæй ахæм у. Гуырдзыстон дунейы дæсойы уыдзæн уыцы бæстæты æхсæн, кæытæ ÆМП-йæ ахæм стыр процент рауæлдай кæнынц ахуырадæн» – райхъусын кодта Батъиашвили.