Михаил Сарджвеладзе фембæлд америкаг æппæтдунеон фонд «Stirling Foundation» -ы бæрнонтимæ
Михаил Сарджвеладзе фембæлд америкаг æппæтдунеон фонд «Stirling Foundation» -ы бæрнонтимæ

Оккупацигонд территоритæй æрцæуæггæгты, куысты, æнæнизхъахъхъæды æмæ социалон хъахъхъæды министр Михаил Сарджвеладзе The Stirling Foundation бæрнонтыл  фембæлд.

Стирлингы фонд у америкаг æхсæнадæмон фонд, кæцы кусы дунейы алы регионты социалон фарстатыл, зæгъæм: бынæттон æхсæнады рæзт, тагъд/æнæнхъæлæджы æххуыс, æнæниздзинад хъахъхъæнынад, æрцæуæггаг адæмæн æмæ лигъдæттæн æххуыс, сылгоймæгтæ æмæ сывæллæттæн бинонты æххуыс æмæ æндæртæ.

Фембæлды фарсытæ æруынаффæ кодтой сывæллæтты онкологийы æрдæм арæзт къахдзæфтыл æмæ инвалидты хъуагдзинæдтыл. Ныхасы рæстæджы фонд æмæ министрады æхсæн æнгом ахастытыл дæр баххæсыд æмæ банысан ис, цæмæй ацы æмкуыстдзинады фæстиуæгæн, Гуырдзыстоны æххæстгонд æрцыд къорд æнтыстджын проект.

Фембæлды кæрон The Stirling Foundation ноджы иу хатт равдыста йæ цæттæдзинад фидæны æмгуыстадмæ.