Михаил Сарджвеладзе фембæлд æнæнизхъахъхъæды дунеон организацийы генералон директоримæ
Гуырдзыстоны æнæнизхъахъхъæды министр Михаил Сарджвеладзе Женевæйы æнæнизхъахъхъæды æппæтдунеон ассамблейы 78-æм рабадты фæлгæтты фембæлд æнæнизхъахъхъæды æппæтдунеон организацийы генералон директор Тедрос Гебрейесусимæ.
Æнæнизхъахъхъæды министрады информацимæ гæсгæ, дыууæфарсон фембæлды рæстæджы, Гуырдзыстон æмæ ÆÆО-йы æхсæн æмкуыстдзинады фарстатæ æмæ фидæны перспективæтæ уыдысты каст. Сæрмагондæй фæбæрæг сты, æнæниздзинад хъахъхъæнынады системæ фæтыхджындæр кæныны тыххæй цы иумæйаг хъæппæристæ æххæстгонд цæуынц, уыдон.
Фембæлдыл æнæнизхъахъъхæды министр бахахх кодта, цæмæй Гуырдзыстоны æнæнизхъахъхъæды системæйы размæцыды ÆÆО-ы фарсылхæцындзинад æмæ партнерады нысаниуæгдзинад ис.
Æппæтдунеон æнæнизхъахъхъæды организацийы генералон директор, Михаил Сарджвеладзе бæстæйы номæй бузныг расидтис ÆÆО-йæн бæстæйы æрдыгæй арæзт нысаниуæгджын къахдзæфты тыххæй, се æхсæн малярийы скуынæг кæныны æрдгæй æххæстгонд фæстиуджыты тыххæй.
Фембæлды кæрон фарсытæ бадзырдтой, цæмæй партнердзинад фидæны дæр адарддæр уыдзæн æмæ иумæйаг тыхархайд уыдзæн здæхт æнæнизхъахъхъæды системæйы фæтыхджындæр кæнынмæ æмæ глобалон æнæнизхъахъхъæды æдасдзинад сифтонг кæнынмæ.