Михаил Подоляк – Кремлы хъуыды кæнынц, цæмæй Украина зæххы цъарæй хъуамæ фæтар уа æфсæддон фæндагæй, æмæ афтæ хъавынц саразын Молдовæ, Гуырдзыстон æмæ Хъазахы дæр
Украинайы президенты офисы къухдариуæггæнæгы уынаффæгæнæг Михаил Подоляк хъусын кæны, цæмæй Уæрæсеимæ æппæтылæххæссæг сабырадон бадзырд бафыссын гæнæн нæй, уымæн æмæ Мæскуымæ ахæм интерес нæй. Украинаг медиайы хъусинагæй, уый фæдыл Подоляк Польшайаг медиаимæ интервьюйы райхъусын кодта.
Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ бадзырдтыл ныхасæй Уæрæсе архайы рæстæг рамбулын, цæмæй бацæттæ уа тыхæйахсæг политикæ стынг кæнынæн.
«Стыр бадзырд хæст æмæ сабырдзинады фæдыл гæнæн нæй, уымæ æмæ Уæрæсе уымæй интересджын нæу. Кремлы хъуыды кæнынц, цæмæй Украина хъуамæ фесæфа зæххы цъарæй æфсæддон фæндагæй. Афтæма Кремлы хъавынц, уый саразын Молдовæ, Гуырдзыстон æмæ Хъазахстаны цауы дæр. Уыдоны фæнды, цæмæй бардзырдтæ дæттой Европæйæн. Сабырдзинад сæ планмæ нæ цæуы», – райхъусын кодта Подоляк.
Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ Уæрæсе рæстæг афæстауæрц кæнын нысанæн, Европæйы энергетикон шантажæй архайы, уымæн æмæ æнхъæлы, цæмæй газы дефицит уазал зымæджы цауы Европæйы æрдгæй Украинайæн æххуыс фæкаддæр кæндзæн.
«Зæгъæм, Украина сразы ис æмæ рабадтис бадзырдты фынгыл Уæрæсеимæ. Бафыстæуыд сабырадзинады фæдыл бадзырд. Уæд Уæрæсе бавдисдзæн ахæм домæнтæ: Украина нымадмæ хъуамæ райсæт уæвæг фронты хахх ног арæнæй. Бæрæг у не сразы уыдзыстæм нæ цыппар зылды анексиимæ. Уæд та хæстон архæйдтытæ сног уыдзысты. Уæрæсе хъусын кæндзæн пропагандистон сигналтæ Европæйы: «Бакæсут ма хæст фæцис æмæ Украина та ногæй бырсы», – уыдон нæ афтæ скæндзысты хæсты ног этапы инициатортæй», – райхъусын кодта Подоляк.