Майданты ноджы иу комплект райуæрстой хæххон къахдзоныгъты. Дыууæ фæлварæны суммарон фæстиуджытæм гæсгæ фæбæрæг кодтой улахизуæвджыты гигантон слаломы сылгоймæгты æхсæн.
Нæдæр фыццаг æмæ нæдæр дыккаг фæлварæны рæстæджы, сеппæтæй хуыздæр рæстæг нæ равдыста америкаг Микаела Шиффрин, фæлæ сыгъзæрин гигантон слаломы растдæр уый рамбылдта. Фыццаг фæлварæны фæстæ америкаг ахста дыккаг бынат.
Дыккаг фæлварæны рæстæдж та сфиксир кодта 4-æмрæстæг, æппæтыфæстагмæ, 2 минут æмæ 20.02 сикунды сфиксир кодта æмæ 39 сæдæйæм сикундæй фйæ фæстæ фæуагъта дыккаг бынатыл уæвæг норвегиаг Рагнхильд Мовинкелы. Бронзæ майдан рамбылда райста Федерика Бринионе. Микаела Шиффринæн ай нырид дыккаг олимпион сыгъзæрин у йæ карьерæйы.
Цыппар азы размæ, уый Сочæйы фæуæлахиз ис слаломы æмæ ацы дисциплинæйы Пхенчханы дæр у сæйраг фаворит у. Слаломы ерыс майрæмбон, 05:00 сахатыл райдайдзæн.
Олимпиадæйы репортажты фенын уæ бон у ам Фыццаг Къанал / Дыккаг Къанал (æрмæстдæр Гуырдзыстоны территорийыл)