Миграцион департаменты кусджытæ Гуырдзыстонæй 32 фæсарæйнаг æмбæстаджы ратардтой
Миграцион департаменты кусджытæ Гуырдзыстонæй 32 фæсарæйнаг æмбæстаджы ратардтой

Мидхъуыддæгты министрады миграцион управленийы кусджытæ, министрады профилон дæлхайæдтимæ æнгом координацийы фæлгæтты, Гуырдзыстонæй 32 фæсарæйнаг æмбæстаджы ратардтой. Ай фæдыл информаци мидхъуыдтæгты министрад парахат кодта.

Управленийы информацимæ гæсгæ, фæстаг бонты ист вазыгджын мадзæлтты фæстиуæгæн, æнæхъæнæй Турк, Инди, Иран, Пакистан, Уæрæсе, Камерун, Китай æмæ Нигерийы 32 æмбæстаг сырæзт.

«Уæвæг закъондæттынадмæ гæсгæ, ссæрибаргонд адæймæгтæн бæстæмæ æрбацыд тобæгонд уыд.

Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады миграцион департамент бæстæйы мидæг æнæлегалон миграцийы ныхмæ тохы бæрнон орган у. Йæ компетенцитæй иу у фæсарæйнаг æмбæстæгты рабæрæг кæнын, кæцытæ Гуырдзыстоны сты æнæзакъон бындурæй æмæ сæ Гуырдзыстонæй ссæрибар кæнын», -ис фыст мидхъуыддæгты министрады фидиуæны.