Миграцийы департаменты кусджытæ Гуырдзыстонæй 34 фæсарæйнаг æмбæстаджы атардтой
Фæстаг бонты арæзт вазыгджын мадзæлтты фæлгæтты, Гуырдзыстонæй 34 фæсарæйнаг æмбæстаджы ссæрибар кодтой, Гуырдзыстоны мидхъуыдтæгты министрады миграцион департамент æмæ министрады профилон дæлхайæдтимæ æнгом координацийы фæлгæтты. Уый фæдыл информаци мидхъуыдтæгты министрад парахат кæны.
Уагдоны информацийæ, бæстæйæ атардтой Индийы, Уæрæсейы, Нигерийы, Ираны, Египеты, Азербайджаны, Туркменийы, Пакистаны, Кенийы, Сомихыстоны æмæ Кыргызстаны 34 æмбæстаг. Ныртæккæйы закъондæттынадмæ гæсгæ, ссæрибаргонд адæймæгтæн бæстæмæ æрбацæуын тобæгонд æрцыд.
«Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады миграцион департамент бæстæйы мидæг æнæзаконон миграцийы ныхмæ тохы бæрнон орган у, йæ компетенцитæй иу у фæсарæйнаг æмбæстæгты рабæрæг кæнын, кæцытæ Гуырдзыстоны сты æнæзакъонон бындурæй æмæ сæ ссæрибар кæнын Гуырдзыстонæй», -ис фыст мидхъуыдтæгты министрады рапарахатгонд информацийы.