Миграцийы департаменты кусджытæ, Гуырдзыстонæй 31 фæсарæйнаг æмбæстаджы атардтой
Мидхъуыддæгты министрады миграцийы департаменты кусджытæ, министрады профилон дæлхайадтимæ æнгом координацийы фæлгæтты, Гуырдзыстонæй 31 фæсарæйнаг æмбæстаджы атардтой. Уый фæдыл информаци мидхъуыдтæгты министрад парахат кæны.
Уагдоны информацийæ, фæстаг бонты ист вазыгджын мадзæлтты фæстиуæгæн, бæстæйæ арвыстой: Инди, Турк, Куба, Египет, Китай, Пакистан, Уæрæсе, Конго, Азербайджан, Туркменистан, Нигери, Таиланд, Кувейт, Израиль æмæ Ганайы æмбæстæгты – æдæппæтæй 31 æмбæстаг. Ныртæккæйы закъондæттынадмæ гæсгæ, ссæрибаргонд адæймæгтæн бæстæмæ æрбацæуыны бар нæ уыд.
Банысанкæнинаг у, цæмæй ацы аз, миграцийы департаменты кусджытæ бæстæйæ ныридæгæн 1000-æй фылдæр фæсарæйнаг æмбæстаджы ратардтой, кæцы у æнæпрецедентон бæрзонд нымæц æмæ нысаниуæгджынæй фылдæр у , фæстаг æртæ азы дæргъы ссæрибаргонд адæймæгты, иумæйаг нымæцæй.